Æз целый осетин дæн
Хураууон дыууæ чысыл лæппуйы хъазынц. Сæ мадæлтæ сæм иуварсæй сæ хъус дарынц. Лæппутæм хæстæгдæр бацыдтæн æмæ сæ фæрсын:
— Иронау зонут?
— Æз зонын, — зæгъы сæ иу, бурхил. Иннæ мæм æнцад кæсы, цыма мæ хорз æмбары, уыйау, фæлæ йæм мæ иударон фарстæн дзуапп дæттын нæ цæуы — фæлмæцыд дзы у... Бакастæй та саулагъз, саудзæст, саудзыкку.
Бурдзалыджы йæ номæй бафарстон.
— Азæмæт.
— Ды хорз лæппу дæ, Азæмæт.
— Мæнæ уый та Костик у. Краснодары цæры. Æмæ Костик половинæ ирон у, æз та целый осетин дæн.
— Хорз загътай... Æмæ скъоламæ та нæма цæуыс?
— Осенью бацæудзынæн.
— Фæззæджы ома.
— О, фæззæджы.
— Æмæ кæцон дæ?
— Уæлæ владикавказаг.
— Горæтаг, зæгъгæ, дзурын хъæуы.
— Горæтаг, — загъта та коммæгæс-уисæнгæнагæй, фæлæ йæм ахæм дзуапп бынтон раст нæ кæсы — дæлæ Алагир дæр горæт куы у... Æмæ бафтыдта йæ дзуапмæ: — Владикавказы горæты горæтаг!
— Уæд та дзæуджыхъæуккаг зæгъын хъæуы.
Фæлæ та ныр дæр йæ зæрдæмæ цыдæр нæ цæуы. Йæхион та тæры:
— Дзæуджы... Дзæуджыгорæтаг!
— Маладец, мæлдзыг! Ахæм зондджынæй дæ мыггаг та кæмæй у?..
— Уртаев... — Иронау æй куы зæгъид, уый йæ фæнды æмæ йæхимидæг ууыл тухитæ кæны.
— Иронау куыд дзургæ у дæ мыггаг, уымæй дæ бабайы бафæрсдзынæ, хорз?
— О.
— Бирæ цæр! Мæнæ Костик дæр æнæхъæн осетин суæд, целый ирон.
Фæстæмæ сæ хъазтыл фесты.
Фæссихорæй Азæмæтмæ йæ фыд бæрæггæнæг æрбацыд. "Аудийæ". Азæмæт æй, мæнмæ амонгæйæ, цæмæйдæр фарста...
28.07.2000, Тæмисчъы санатори